Лаша Дарсалиа – Хъыгаг практикæ дарддæр кæны, лигъдæтты фæстæмæ æрыздæхыныл куы райдыдта ныхас, афтæмæй Уæрæсейы  делегаци уыцы тæккæ  фестад бадзырдты  стъолæй
Лаша Дарсалиа – Хъыгаг практикæ дарддæр кæны, лигъдæтты фæстæмæ æрыздæхыныл куы райдыдта ныхас, афтæмæй Уæрæсейы делегаци уыцы тæккæ фестад бадзырдты стъолæй

Уæрæсейы  делегаци  та  Женевæйы  æхсæнадæмон   бадзырдты стъол фæуагъдта.  Гуырдзиаг  делегацийы   минæвæрттæ  куыд дзурынц,  афтæмæй,   зæгъгæ традиционæй,  лигъдæтты  фæстæмæ æрыздæхыныл куы райдыдта ныхас, уæд  Уæрæсейы  Федераци  бадзырдтæ  адарддæр кæнын нал сфæнд кодта.

«Ахæм у  хъыгаг  практикæ, кæцы  дарддæр кæны – лигъдæтты фæстæмæ æрыздахыны фарстайы кой куы  ракодтам, кæцы  у тынг принципон  фарста æмæ сæйраг  къахдзæф  конфликты  сындæггай  аскуыддзагæн, фæнысангонд фарстайыл ныхас  райдаынæй  виппайды  Уæрæсейы  делегаци  бадзырдты  стъолæй  фестад», –  банысан кодта Женевайы  бадзырдтыл  гуырдзиаг  делегацийы  къухдариуæггæнæг   Лаша Дарсалиа.

Уæдмæ та,  иуæй-иу  сæйраг фарста, кæцы   Женевæйы бадзырдты 50-æм раунды   боны  фæткы  лæууыд,   уыдис  оккупацигонд Ахалгоры  цур æхгæд  ахизæн пункты  байгом  кæнын.   Дарсалиа  бадзырдты  фæуды  фæстæ  куыд райхæлдта,  афтæмæй,   зæгъгæ ис ныфс,  цæмæй   куыст фæстиуæгджын уыдзæн  æмæ  ахизæн пункт байгом  уыдзæн.

«Æхгæд  ахизæн пункты  байгом уыд  иуæй-иу  сегасæй   ахсджиагдæр   фарста.   Æнæуый дæр,   ацы раунды   сæйраг миниуæн  уыдис   гуманитарон  æмæ  адæймаджы   барты  æрдгæй   цы  уавæр  сырæзт, уый.  Уый  у нæ  куысты   сæйраг  ардæмад  æмæ нæм ис æнхъæлц, цæмæй  нæ  куыст дзæгъæлы  нæ уыдзæн, æмæ æввхас  фидæны æрхæсдзæн фæстиуæг», –  райхъусын кодта  Лаша Дарсалиа.