Давит Бакрадзе - Страсбургы тæрхондоны абоны тæрхоныскъуыд, тæссаг æмæ æвзæр у Гуырдзиаг демократийæн
Хъуыды кæнæм, цæмæй Страсбургы тæрхондоны абоны тæрхоныскъуыд, тæссаг æмæ æвзæр у Гуырдзиаг демократийæн, фæлæ куыд бæрнон æмæ проныгуылæйнаг оппозици, мах гуырысхойаг не скæндзыстæм Страсбургы тæрхондоны тæрхоныскъуыдтæ, – уый фæдыл «Европаг гуырдзыстоны» лиедр Давит бакрадзе райхъусын кодта.
Давит бакрадзе куыд банысан кодта афтæмæй, «Рустави 2»-ы хъуыддагыл барадон дауу хъуамæ адарддæр уа зæгъгæ.
«Абоны тæрхоныскъуыд уадзы барадон дарддæрдзуйы æмæ Стыр Палатæйы бахъаст кæныны перспективæ, цæмæй дæр «Рустави 2» спайда кæндзæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, тæрхонон дауу адарддæр кæнын у раст фæндаг. Фæнды мæ хицауадæн категорионæй зæгъын, цæмæй сæхæдæг цы стандарттæ æрфидар кодтой уыдонæй ма фæзилæт Вано Мерабишвилимæ гæсгæ. Хицауад куы хъусын кодта, цæмæй Страсбургы тæрхоныскъуыд Вано Мерабишвилимæ гæсгæ кæронбæттæн уыдзæн æрмæст Стыр палатæйы тæрхоныскъуыды фæстæ. Сидын сæм, сæрмагонд стандраттæ бахъахъхъæнæнт æмæ «Рустави 2»-мæ гæсгæ ма райдайæт фыццаг инстанцийы тæрхоныскъуыды æххæст кæнын æмæ уымæй «Рустави 2»-æн бахъаст кæныны шанс ма байсæт. «Хицауады æрдгæй «Рустави 2»-æн бахъаст кæныны шанс байсын нымадмæ ист цæудзæн куыд политикъон, барадонæй æвзæр, знаггадгæнæг къахдзæф æмæ къаналы хибакæныны архайд. Сидын сæм ахæм къахдзæф авæрынæй сæхи бауромæт. «»Рустави 2»-æн раттæт фадат, цæмæй кæронмæ спайда кæна барадон тохы мæцъистæй, кæцытæ йæм Страсбургы тæрхондон æмæ процесс дæтты»,- райхъусын кодта Давит Бакрадзе.