Давит Бакрадзе хъусын кæны, цæмæй  оппозицийы æмæ  хицауады минæвæртты радон фембæлд  сом ацæудзæн
Давит Бакрадзе хъусын кæны, цæмæй оппозицийы æмæ хицауады минæвæртты радон фембæлд сом ацæудзæн

Бæрæг  фарстæтыл   позициты  æрыввахс кæнын   бантыстис, фæлæ   баззадис  цалдæр сæйраг фарста,  кæцыты  позицитæ   кæрæдзимæ нæ баввахс кодтам, –  уый фæдыл «Европаг Гуырдзыстоны»   лидер  Давит бакрадзе  АИШ-ы  минæвары  резиденцийы  фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

Афтæма, йæ  ныхæстæм  гæсгæ,   оппозицийы  æмæ  хицауады  минæвæртты  радон фембæлд  сом ацæудзæн.

«Хатыр уæ  хъуамæ ракурæм,  уымæн  æмæ   минæвæртты  æркуырдæй   абон деталты тыххæй   ныхас кæнын  нæ  бон нæу.  Мæ  бон зæгъын у,  цæмæй  уыд бæрæг фарстæтæ, кæцыты   позицитæ   кæрæдзимæ  баввахс кодтам,  уый тыххæй  дæр дарддæр кæндзæн процесс.  Радон фембæлд  нын уыдзæн сом  æмæ мæ ныфс ис,   райсомы  фембæлды фæстæ   æцæгдæр нæ  бон уыдзæн   æхсæнадæн  деталтæ базонын кæнын», – загъта Давит Бакрадзе.