Цыппурсон Алилойы  цыды  тыххæй,   Тбилисы  цалдæр   уынг æхгæд æрцæудзæн
Цыппурсон Алилойы цыды тыххæй, Тбилисы цалдæр уынг æхгæд æрцæудзæн

Мидхъуыддæгты  министрады  информацийæ,   Цыппурсон Алилойы  цыды  тыххæй,   Тбилисы  цалдæр   уынг æхгæд æрцæудзæн.

«Мидхъуыддæгты министрады   патрулон полицийы   департаменты  хъусинагæй,  2018  азы 7 январы, Цыппурсон Алилойы  цыдмæ гæсгæйæ,  Тбилисы   æхгæд æрцæудзысты ацы уынгтæ:

Уардиты фæз –  боны 12:00 сахатæй,  Руставелийы проспект, Пушкины  уынг, Бараташвилийы тыххæрд,  Авлабарийы  фæз, Месхишвилийы,  Гонашвилийы  æмæ   Самреклойы уынгтæ – 14:00 сахатæй.

Фæнысангонд  уынгтыл автомобильты  змæлд  сног уыдзæн Алилойы  цыды фæудæй  уайтагъд» –  хъусын кæнынц МХМ-ы.