Цыппурсон Алилойы цыды тыххæй, Тбилисы цалдæр уынг æхгæд æрцæудзæн

Мидхъуыддæгты  министрады  информацийæ,   Цыппурсон Алилойы  цыды  тыххæй,   Тбилисы  цалдæр   уынг æхгæд æрцæудзæн.

«Мидхъуыддæгты министрады   патрулон полицийы   департаменты  хъусинагæй,  2018  азы 7 январы, Цыппурсон Алилойы  цыдмæ гæсгæйæ,  Тбилисы   æхгæд æрцæудзысты ацы уынгтæ:

Уардиты фæз –  боны 12:00 сахатæй,  Руставелийы проспект, Пушкины  уынг, Бараташвилийы тыххæрд,  Авлабарийы  фæз, Месхишвилийы,  Гонашвилийы  æмæ   Самреклойы уынгтæ – 14:00 сахатæй.

Фæнысангонд  уынгтыл автомобильты  змæлд  сног уыдзæн Алилойы  цыды фæудæй  уайтагъд» –  хъусын кæнынц МХМ-ы.