Чехийы фæстаг 24 сахаты дæргъы коронавирусы 6 542 ног цау рабæрæг ис, 178 пациент та амард
Чехийы фæстаг 24 сахаты дæргъы коронавирусы 6 542 ног цау рабæрæг ис, 178 пациент та амард. Информаци уый фæдыл «Гардиан» Чехийы æнæнизхъахъхъæды министрады æнцойæ хъусын кæны.
Пандемийы райдайынæй абоны онг бæстæйы вирусы 431 644 цау рабæрæг ис, сæ нымæцы 3 429 пациент амард.