Чехи Уæрæсейы  уæвæг сæрмагонд æмбæстгæм æрсидтис бæстæ ныууадзынмæ
Чехи Уæрæсейы уæвæг сæрмагонд æмбæстгæм æрсидтис бæстæ ныууадзынмæ

Чехы хицауад Уæрæсейы  уæвæг  йæ æмбæстæгтæм æрсидтис, бæстæ ныууадзынмæ.  Уый фæдыл  дзырдæуы  фидиуæны, кæцы Чехы  фæсарæн хъуыддæгты министад ахæлиу кодта.

Фидиуæны  банысангонд у, цæмæй  Прагæйы  мæтыфтыд сты, Уæрæсейы  æдасдзинады æрдгæй  фæфыддæргонд  уавæр тыххæй æмæ сидынц æмбæстæгтæм, куыд гæнæн ис афтæ  тагъд ныууадзой  Уæрæсейы  территори.

Афтæма  Чехы  æддагполитикон уагдон  сæрмагонд æмбæстæгтæн рагфæдзæхст дæтты  Уæрæсемæ балц кæнынæй.

«Уæрæсейы  Украинамæ  æфсæддон бырсты адарддæр кæныны контексты ис  æдасдзинады æрдгæй   уавæры фæфыддæры  тас, фыццаджы дæр  та, Евроцæдисы æмæ  НАТО-йы  уæнг   бæстæты  æмбæстæгтæн» –   дзырдæуы  фидиуæны.

Чех  афтæдæр   рагфæдзæхст дæтты  æмбæстæгтæн, цæмæй Мæскуыйы  Чехы  минæварад гæнæн ис  куысты   арæнгонд режиммæ  ахиза.

Уæдмæ  Уæрæсейы территори рацæуынмæ, сæрмагонд æмбæстæгтæм æрсидтысты  АИШ, Польшæ, Румыни æмæ Болгари.