Бучайы мэр – æрвылбойнонæй  уарæм мæрдтæ  кæртты,  уынгты, æмбæхсæнты,  практиконæй  90 проценгт цагъд сты æхсæнгарзæй
Бучайы мэр – æрвылбойнонæй уарæм мæрдтæ кæртты, уынгты, æмбæхсæнты, практиконæй 90 проценгт цагъд сты æхсæнгарзæй

Горæт Бучайы мэр, Анатоли  Федерюк  хъусын кæны, цæмæй  горæты æрвылбойнонæй рæзы  амæттæгты нымæц.

Горæты мэры дзырдæй,   зæгъæн ис, цæмæй  иууыл  цагъд сты æхсæнгарзæй.

«Знон  изæры бæрæггæнæнтæй, 320  æмбæстагон  уæнгы ссардтой.  Ныр эксперт-криминалисттæ  кусынц.  Æрвылбойнонæй  уарæм  мæрдтæ  кæртты,  уынгты,  æмбæхсæнты.  Практиконæй 90 процент  сты  мард ракетон  бырсты рæстæджы нæ фæлæ,   æхсæнгарзæй», – райхъусын кодта горæты мэр.

Украинаг  æфсæддæттæ   горæт Бучайыл контрол  цалдæр боны размæ æрыздæхтой. Украинайы   горæт Бучайæ Уæрæсейы  гарзджын  тыхты  рацыды фæстæ, горæты  сабыр æмбæстæгты  мæрдтæ  ссардтой.