Саломэ Зурабишвили - Зын у сфæлгондзын дуне, кæцыйы Бучайы цагъд   ис, Гуырдзыстоны ивгъуыд уый нысан кæны  цæмæй  зонæм  цавæр  сты Бучайы фæзындтæ
Саломэ Зурабишвили - Зын у сфæлгондзын дуне, кæцыйы Бучайы цагъд ис, Гуырдзыстоны ивгъуыд уый нысан кæны цæмæй зонæм цавæр сты Бучайы фæзындтæ

Зын у сфæлгондзын дуне, кæцыйы Бучайы цагъд   ис, фæлæ  ацы дуне ам ис,   ацы дунейы  цæрæм, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили  фыссы социалон хызаджы.

«Зын у сфæлгондзын дуне, кæцыйы Бучайы цагъд   ис, фæлæ  ацы дуне ам ис,   ацы дунейы  цæрæм.Гуырдзыстоны ивгъуыд уый нысан кæны,  цæмæй  зонæм  цавæр  сты Бучайы фæзындтæ, –  фыдракæнд   адæймагады ныхмæ,  хъæдгæмттæ, кæцыты  сдзæбæх кæнынæн стыр рæстæг хъæуы. Украинайы  ныхмæлæуд  саст нæ баййафдзæн, фæлæ  ахæм  фыдракæндтæ  рох никуы рцæудзысты», – фыссы Саломэ Зурабишвили  «Твиттеры».

Украинайы горæт Бучайæ Уæрæсейы  гарзджын тыхты  ацыды  фæстæ, горæты  сабыр цæрджыты мардыбуæрттæ ссардтой.