Олаф Шольц –Æбуалгъ нывтæ æрхæццæ сты махмæ, Бучайы  цагъд  сты сабыр цæрджытæ
Олаф Шольц –Æбуалгъ нывтæ æрхæццæ сты махмæ, Бучайы цагъд сты сабыр цæрджытæ

Æбуалгъ æмæ æлгъаг къамтæ æрхæццæ сты махмæ  Украинайæ.  Бучайы, кæцыйы  цалдæр боны размæ  уырыссаг æфсæддæттæ контрол кодтой,  цагъд сты  сабыр цæрджытæ, сæ нымæцы  сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ  карджынтæ – уый тыххæй Германийы  канцлер Олаф Шольц  фыссы  социалон хызаджы.

Афтæма йæ дзырдæй, нæфæллайгæйæ хъуамæ  цæуа фæдагурыд  уырыссаг æфсæддæтты  фыдракæндтыл æмæ фыдгæнджытæ  тæрзонмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуой.

«Домын, æхсæнадæмон организацитæм лæвæрд уæд  фадат  ацы территоримæ бацæуын æмæ сырдон митæ  хæдбарæй  сфиксир кæнын.  Нæфæллайгæйæ  хъуамæ равзарæм  уырыссаг æфсæддты  фыдракæндтæ æмæ   фыдгæнджытæ  дзуаппмæ  лæвæрд  хъуамæ æрцæуæд» – фыссы Олаф Шольц.

Украинайы горæт Бучайæ Уæрæсейы гарзджын тыхты ацыды фæстæ, горæты сабыр цæрджыты  мардбуаæрттæ  ссардтой.