Олаф Шольц – Паризы æрныхас кодтам, цæмæй алчи фылдæр хъуамæ сараза  Укрианайы тыххæй,  иу цыдæр у бæрæг, Украинайы сурзæххон тыхтæ Европæйы бæстæтæй æмæ НАТО-йæ нæ уыдзæн
Олаф Шольц – Паризы æрныхас кодтам, цæмæй алчи фылдæр хъуамæ сараза Укрианайы тыххæй, иу цыдæр у бæрæг, Украинайы сурзæххон тыхтæ Европæйы бæстæтæй æмæ НАТО-йæ нæ уыдзæн

Знон Паризы   æрныхас кодтам, цæмйæ алчи фылдæр хъуамæ сараза  Украинайы тыххæй, –  уый фæдыл  Германийы канцлер  Олаф Шольц  социалон хызаджы ныффыста.

Шольцы дзырдæй,   Украинайы хъæуы  хæцæнгарз, хæстæрмæг  æмæ уæлдæфон иргъæф.

«Знон Паризы æрныхас кодтам, цæмæй алчи фылдæр хъуамæ сараза Украинайы тыххæй.   Уыдоны хъæуы хæцæнгарз, хæстæрмæг æмæ уæлдæфон иргъæф. Мах  уый æппæтыл кусæм. Иу  цыдæр у бæрæг, цæмæй  сурзæххон   æфсæддæ  Европæйы  бæстæтæй æмæ  НАТО-йæ  нæ уыдзæн», –  фыссы Шольц.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмйæ Францы президент Эмануел Макрон  райхъусын кодта, цæмæй  Паризы  уагъд конференцийыл  лидертæ  æркастысты ныгуылæны бæстæты  сурзæххон тыхты  Украинамæ  арвитыны гæнæндзинад, ацы фарстайыл  консенсуссмæ не æрцыдысты, фæлæ фидæны цух ницы  у зæгъгæ.