Олаф Шольц «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты тыххæй -  Германи  афтæ  куыд Евроцæдис, критикон цæстæй кæсы ацы закъонмæ, ныфс нæм ис, Гуырдзыстон нæ райсдзæн ацы закъон
Олаф Шольц «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты тыххæй - Германи афтæ куыд Евроцæдис, критикон цæстæй кæсы ацы закъонмæ, ныфс нæм ис, Гуырдзыстон нæ райсдзæн ацы закъон

Германи  сæрысуангæй  разы  уыдис Гуырдзыстонæн Евроцæдисы перспективæйы байгомы фæдыл уынаффæимæ.  Махæн ахсджиаг уыд  датæ, 2023 азы  декабры, Гуырдзыстонмæ лæвæрд куы  уыд кандидаты статус –  уый фæдыл Германийы ФеДералон кнцлер Олаф Шольц, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзеимæ иумæйаг  прессконференцийыл  райхъусын кодта.

Шольцы дзырдæй, ныр сегасдæр  ахсджиаг у ацы процессы  афтæ дзæбæх  организацидзинад, æмæ  уæнгдзинадæн алы  хъæугæ критеритæ  райтынг уа.

«Ам нысаниуæгджын у барадон, экономикон реформæтæ, фæлæ фыццаджы дæр, афæдæр  барадон падзахад æмæ  демократи.  Мах зонæм, цæмæй Евроцæдисы уæнгсуæвын  æнæрмæст  хицауады  фæндон у, фæлæ ма у  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  тынг стыр фæндон, уыцы æмбæстæгты, кæцытæ разы  сты Гуырдзыстоны  Евроцæдисы уæнгсуæвынимæ æмæ ацы  процессы  фæтагъд кæнынимæ.   Уый тыххæй, мынг  тыхджын æхсызгон у, цæмæй Евроцæдис æмæ Европæйæн дæр стыр нысаниуæг хъуамæ уа» –   банысан кодта Олаф Шольц.

Германийы канцлеры дзырдæй, зæгъгæ нысаниуæгджын у уый дæр, цæмæй ацы  уавæры  проблемæтыл дæр ис ныхас.

«Мах критикон цæстæй кæсæм, афтæ куыд  æнæхъæн Евроцæдис, а.х. закъонмæ фæсарæйнаг агенттыд фæдыл æмæ ацы закъонопроект куы фæлæууыд уый фæстæ, нæм стыр ныфс уыдис, цæмæй  нал уыдаит бавдыст бонвæткы.  Ног закъонопроект практиконæй ивд нæу.  Уый дæр зæгъæн ис ахæм у  цаæм уыд  фарон  æмæ  ныфс дарæм, цæмæй  ацы  закъоны нæ райсдзæн Гуырдзыстон æмæ парламент йæ зæрдыл бадардзæн   мах æмæ Гуырдзыстоны  цæрджыты критикон  позици.  Уый тыххæй, нæ  ныхасы   ноджы иу  хатт бахахх кодтон  æмбæстагон дзыллæйы нысаниуæг, оппозицийы æмæ хицауады  æмгуыстад, кæцы иттæг  нысаниуæгджын у  æхсæнадон райрæзтæн» – райхъусын кодта Олаф Шольц.

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе официалон визитæй  Германийы Федерацион Республикæйы исю  Германийы федералон канцелярийы Гуырдзыстоны хицауады сæрдарæн йæ размæ рацыды  официалон церемони ацыд. Ираклий Кхобахидзейæн, хицауадон делегациимæ иумæ, сфысым кодта  Германийы  Федералон Канцлер  Олаф Шольц.