Олаф Шольц – Германи Гуырдзыстонæн æууæнкаг партнерæй баззайдзæн, Евроцæдисы æрдæм Гуырдзыстоны фæндаджы фарсхæцæг стæм
Германи Гуырдзыстоны æууæнкаг партнерæй баззайдзæн. Евроцæдисы æрдæм Гуырдыстоны фæндаджы фарсхæцæг фидæны дæр уыдзыстæм – уый фæдыл Германийы канцлер Олаф Шольц Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзеимæ иумæйаг прессконференцийыл райхъусын кодта.
Шольцы дзырдæй, зæрдæ йын æхсызгон у, цæмæй Гуырдзыстоны бирæ реформæ цæуы.
«Æхсызгон нын у, цæмйæ бирæ реформæ цæуы уагъд, кæцы хъуамæ адарддæр уа, мæ хъуыдыйы дарын тæрхонон реформæ, парламентон контролы фадыгы реформæтæ æмæ афтæдæр деолигархизацийы фæдыл реформæтæ, кæцытæ иттæг нысаниуæгджын сты. Афтæма иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй парламентон æвзæрстытæ уæгъдибарæй, рæстагæй ацæуа. Уый у бындур кандидаты статусы дарддæры процессы райтынг кæнынæн. Германи Гуырдзыстонæн æууæнкаг партнерæй баззайдзæн, мах Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ фæндаджыфарсхæцæг стæм», – райхъусын кодта Шольц.