Йенс Столтенберг - Сабыр цæрджыты ныхмæ  ахæм сырдон митæ Европæйы  дæсгай азты  дæргъы  никуы  федтам
Йенс Столтенберг - Сабыр цæрджыты ныхмæ ахæм сырдон митæ Европæйы дæсгай азты дæргъы никуы федтам

Сабыр цæрджыты ныхмæ  ахæм сырдон митæ Европæйы  дæсгай азты  дæргъы  никуы  федтам – уый фæдыл  НАТО-ы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг, «CNN»-имæ интервьюйы  рæстæджы  загхта.

Афтæма  йæ  дзырдæй,  зæгъгæ хæст кæрон скæнын хъæуы.

«Сабыр  цæрджыты ныхмæ  ахæм  сырдон митæ Европæйы  дæсгай азты  дæргъы  никуы  федтам.  Тæссаг уынд у  æмæ бынтон нæрайсгæ, сабыр цæрджытæ  нысанæй  ку свæййынц  æмæ сæ  цæгъдынц уæд.  Уый хахх кæны  цæмæй ацы хæст кæрон скæнын хъæуы» – райхъусын кодта  НАТО-йы  генералон нымæрдар.

Уыимæ  Йенс Столтенбергы  дзырдæй,  зæгъгæ райгонд у  тугтæрхоны  барады  æхсæнадæмон тæрхондон  Украинайы  æфсæддон   фыдракæндты  фæд агурыдмæ кæй рывнæлдта уымæй.

Афтæма  цæгат-атлантикон альянсы  генералон нымæрдары фидиуæнæй,   зæгъгæ уырыссæгтæ сæ  позицитæ кæй  уадзынц  уый нæу   гарзджын тыхты реалон аконд.

«Мах цы унæм уый  нæу  реалон аконд. Уынæм  цæмæй  Уæрæсе   æххæст кæны  сæрмагонд тыхтæ къордтæ кæны  æмæ ракæнынц  æрмæст чысыл нымæц, ног хæстифтонгы, стыхджын кæныны æмæ  фæстауæрцтæ  баххæст кæнынæн.  Æгæр оптимисттæ  ма хъуамæ уæм, уымæн æмæ бырстытæ  дарддæр кæнынц» –  райхъусын кодта  Йенс Столтенберг.