Брюсселы Евроцæдис-Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады комитеты рабадт ацæудзæн
Брюсселы, европарламенты, Евроцæдис-Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады комитеты (PAC) 12-æм рабадт, сæрдæртты, Мака Бочъоришвилийы æмæ Марина Кальюранды къухдариуæгæй ацæудзæн. Информаци Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст хуъсын кæны.
Афтæма сæ хъусинагæй, рабадты Гуырдзыстоны парламенты æмæ европарламенты иудадзыгархайæг делегацитæ, афтæма Гуырдзыстоны æххæстгæнæг структурæты минæвæрттæ райсдзысты хайад.
Комитеты рабадты фæлгæтты æркæсдзысты Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн æмгуыстады бонвæтк, Еврокомиссийы æрвыст 12 рекомендацийы сыххæсты прогресс, Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады фæдыл бадзырды, уый нымæцы арф æмæ æппæтылæххæссæг уæгъдибар базарадон тыгъдады фæдыл бадзырды сыххæсты цыд. Афтæма фæуаффæ кæндзысты Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæрыл æмæ конфликты сабырæй алыгы æрдæм уагъд тыхархайдыл.