Бельгийы сæйраг горæт Брюсселы «Ковид-19»-æй инфицирады цауты нымæцы æрвылбойнон рæзты тыххæй, æхсæнадон тыгъдадты æнæмæнгхъæугæ кодтой медицинон маскæ дарын. Информаци хъусын кæны рауагъдад «Гардиан».
Ног регуляцимæ гæсгæйæ, маскæ дарын æнæмæнгхъæугæ уыдзæн скверты æмæ уынгты.
Фæстаг бæрæггæнæнтæй, Бельгийы сæйраг горæты 100 000 цæрæгыл, вирусы 50 цау фиксир кæны.
Æмтгæй райсгæйæ вирусы ахæлиуæй абоны онг, Бельгийы «Ковид-19»-ы 75 008 цау сбæлвырд ис, фæмард 9 885 пациент.