Брюсселы абон Евроцæдисы лидерты саммит ацæудзæн.
Дыууæбонон саммиты фæлгæтты лидертæ Европæйы хъахъхъæнынады стынг кæныныл фæныхас кæндзысты. Сæйраг темæ та Украинайы цæугæ хæст уыдзæн.
Европаг Советы пресс-релизы куыд у банысангонд, ныхас афтæдæр уыдзæн уавæрыл Æввахс Скæсæны, миграцийы æмæ хъæууон хæдзарады секторы уæвæг проблемæтыл.
«Евроцæдис адарддæр кæндзæн Украинайæн политикон, финансон, экономикон, гуманитарон æфсæддон æмæ дипломатон фарсдарын уый йас рæстæг, цасдæр уыдзæн хъæугæ. Ацы рæстæгмæ Евроцæдис æмæ йæ уæнг бæстæтæ, 138 миллиард Евройы бæрц баххуыс кодтой Украинайæн» – дзырдæуы Европаг Советы пресс-релизы.
Бæрæг куыд у афтæмæй, саммитыл афтæдæр æркæсдысты Евроцæдисы ауæрæхы политикæ, конкретонæй та ныхас уыдзæн Украинæ, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинæйыл.