Британийы ног премьер-министрæй сывзæрстой Лиз Трасы. Хъæлæскæнынады фæстиуджытæ цъус рæстæг размæ райхъусын кодтой Британийы «Консервативон партийы» æмбырдыл.
Ног премьер сом Шотландимæ абалц кæндзæн, цы ран Британийы Успадзах Элизабет дыккагимæ йын уыдзæн аудиенци. Мадзалыл Успаддзах премьерæн ног хицауады сфидар кæнын бахæс кæндзæн.
Консервативон партийы лидеры æмæ уымæ æмбæлгæйæ Британийы премьеры постмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Лиз Трасимæ иумæ къазнайы раздæры канцлер Риши Сунаки дæр тох кодта.
Лиз Трас Маргарет Тетчеры æмæ Тереза Мэйы фæстæ, Британийы историйы æртыккаг сылгоймаг премьер у.
Хъæлæскæнынад Консервативон партийы цалдæр къуырийы дæргъы цыд. 2015 азæй, абоны онг Лиз Трас суыдзæн британийы цыппæрæм премьер Консервативон партийæ.
Йæ æвзарæнон кампанийы фæлгæтты, Лиз Трас хъусын кодта, цæмæй æнæаргъæвгæ мадзæлттæ скæндзæн Стыр Британийы цæрæн уавæртæ рæзты фарста алыг кæнынæн æмæ уæлахиздзинады цауы, иу къуырийы дæргъы бавдисдзæн архайадон план энергийы рæзгæ æргъты проблемæ аскуыдздагæн.