Саломэ Зурабишвили – Арфæ кæнын Лиз Трасæн, премьер-министрæй сывзæрст, æхсызгон у ноджы иу сылгоймаг лидеры фенын
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Лиз Трасæн Раарфæ кодта Британийы премьер-министры постмæ сывзæрст.
Саломэ Зурабишвили «Твиттеры» куыд фыссы афтæмæй, æнхъæлмæ кæсы иумæйаг куыстма Гуырдзыстон-Стыр Британийы ахастытæ стынг кæнынæн.
«Арфæ кæнын Лиз Трасæн, Иугонд Паддзахады ног премьер-министрæн. Ацы скуыддзаггæнæг моменты, æхсызгон у ноджы иу лидер сылгоймагы фенын, кæцы нæ континенты æдасдзинады æмæ ноджы тыхджындæр трансатлантикон партнерадлæн кусдзæн. Æнхъæлмæ кæсын иумæйаг куыстмæ Гуырдзыстон-Стыр Британийы ахастытæ стынг кæнынæн», – фыссы Саломэ Зурабишвили.
Британийы ног премьер-министрæй Лиз Трасы сывзæрстой. Хъæлæскæнынады фæстиуджытæ цъус рæстæг размæ райхъусын кодтой Британийы «Консервативон партийы» æмбырдыл.
👏 Congratulations to @trussliz, the next PM of the United Kingdom. Good to see another woman leader in these crucial times that will work for security on our continent and a stronger transatlantic partnership.
I look forward to working together to strengthen the 🇬🇪🇬🇧 relations.
— Salome Zourabichvili (@Zourabichvili_S) September 5, 2022