Лиз Трас – хъуамæ  бакусæм,  цæмæй  Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн уа  фадæттæ, бахъахъхъæной сæрмагонд  суверенитет
Лиз Трас – хъуамæ бакусæм, цæмæй Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн уа фадæттæ, бахъахъхъæной сæрмагонд суверенитет

Хъуамæ  бакусæм, цæмæй  Украинаимæ иумæ,   ныгуылæн Балкантæн æмæ бæстæтæн, цахæм сты Молдовæ, Гуырдзыстон,  уа  фæразондзинад, фадæттæ,  бахъахъхъæнын  сæрмгаонд суверенитет  æмæ сæрибардзинад, –  уый фæдыл Британийы   фæсарæн хуъыддæгты  министр, Лиз Трас, Лондоны  мэры галуаны   дзырдæй ралæуды рæстæджы    райхъусын кодта.

Британийы  æддагполитикон уагдоны  къухдариуæггæнæджы  дзырдæй,  зæгъгæ дуне  Уæрæсейы  бырст фæуромынæн фылдæр хъуамæ сарызтаит.

«Хъуамæ  бацахуыр кæнæм  Украинайы  уроктæ.  Стыр Британи хæст райдаыны онг   стыр рæстæг агъоммæ  арвыста  хæцæнгарз æмæ  сахуыр кодта украинаг  æфсæддæтты, фæлæ дуне фылдæр хъуамæ  сарызтаит  бырст  фæуромынæн.  Никуы сфæлхатт кæндзыстæм  ацы рæдыд.  Иуæй-иутæ бæлвырд кæнынц, цæмæй  ма  хъуамæ  дæттæ  уæззау  хотыхтæ  уый тасæй,   цææмй  исты  фыддæр ма  сцырын кæнæм. Мæ  хъуыдымæ гæсгæйæ,   æнархайд уыдзæн сегасдæр стыр  провокаци. Ныр у  æндиуддзинады рæстæг. Хъуамæ сифтонг кæнæм цæмæй   украинаимæ иумæ ныгуылæн Балкантæн æмæ бæстæтæн, цахæм сты Молдовæ, Гуырдзыстон,  уа  фæразондзинад, фадæттæ,  бахъахъхъæнын  сæрмгаонд суверенитет  æмæ сæрибардзинад.  НАТО-ы гом дуары  политикæ  сыгъдæг у.  Кæд Финлянди æмæ Швеци  сывзардзысты  уæнгсуæвын Уæрæсейы  агрессийы дзуаппæн, уæд  куыд гæнæн ис, афтæ  тагъд хъуамæ райсæм НАТО-йы  уæнгтæй», –  райхъусын кодта Лиз Трас.