Борис Джонсон – Украинайы  сæрибардзинады  саст, нысан кæндзæн  сæрибардзинады  ныфсы  сæфт Гуырдзыстон æмæ  Молдовæйы
Борис Джонсон – Украинайы сæрибардзинады саст, нысан кæндзæн сæрибардзинады ныфсы сæфт Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы

Украинайы  сæрибардзинад куы  фæуа, уый нысан кæны  æмæ   сæрибардзинады ныфс  фæтар уыдзæн Гуырдзыстоны æмæ стæй та  Молдовæйы – фæнысангонды тыххæй  Британийы премьер-министр   Борис Джонсон консервативон  партийы   уалдзæгон   конференцийыл  райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй  зæгъгæ, Владимир Путин  Украинайы  хæст райдаын баууæндыд уый тыххæй, æмæ тарстис  йæ сыхы йын куы фæзындис  сæрибар, деомркатон наци.

«Путин  нæ  фæлæудзæн Украинайыл, кæд ацы бырст  уый  куыд фæнды афтæ адарддæр уыдзæн, уæд Украинайы  сæрибардзинады  фæуд, нысан кæны  алыхуызæн сæрибардзинады ныфсы  сæфт  Гуырдзыстоны, стæй та Молдовæйы – уый уыдзæн тасы æфтауыны  ног эпохайы  райдайæн  æнæхъæнæй  хурыскæсæн  Европæйы, Балтийæ Сау Денджызы онг» – райхъусын кодта   Борис Джонсон.

Афтæма  премьер бафтыдта, цæмæй  Британи  хъуамæ  сараза  æндиуд, æнæмæнгхъæугæ  къахдзæфтæ, цæмæй  кæрон скæна  уырыссаг нефт æмæ газыл  бастдзинад. Джонсон  Уæрæсейы президенты  схуыдта дæластæрды минæварæй, кæцы  йæ дзырдæй, зæгъгæ  уырыссаг энергоресу4рстыл бастдзинад æвзæрын кæны.