Болгарийы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ рæстæгмæ легалон куыст ссарын фадат райсдзысты
Болгарийы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ рæстæгмæ легалон куыст ссарын фадат райсдзысты. Уый дары йæ хъуыдыйы бадзырд, кæцыйы бафыссын фæрстæ хъавынц æввахс фидæны.
Бадзырд бафыссынæй æхсæз мæйы æмгъуыдмæ рæстæгмæ легалон куыст ссарыны конкретон схемæ скусын кæнынæн, хъæугæ доументтæ æрцæттæ уыдзæн.
Фарстайыл оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæнимздзинады æмæ социалон хъахъхъæдады министрады, Болгарийы республикæйы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн кусæн миграцийы регулиркæныны фæдыл бадзырды проектыл бадзырдты официалон раунд ацыд.
Рабадтæн сæрдариуæг кодта æмæ Гуырдзыстоны делегацийы къухдариуæггæнæг уыд министры хæдивæг Тея Ахвледиани, æрмæст Болгарийы делегацийы къухдариуæггæнæг уыд куысты æмæ социалон политикæйы миинистры хæдивæг лазар Лазаров. Фембæлдыл фæрстæ сразы кодтой позицитæ Гуырдзыстогны æмæ Болгарийы æхсæн кусæн миграцийы регулиркæныны сферæйы æмкуысткæнынады дыууæфарсон бадзырды текстыл æмæ æххæст текстыл разыдзинадмæ æрцыдысты.
Фæнысангонд процесс Гуырдзыыстоны æмбæстæгтæн ратдзæн Болгарийы Республикæйы æмбæлон æркуырд цы професситыл ис уыдоныл квалифирцгонд кусджыты рæстæгмæ легалонæй куыст ссарыны фадат.
«Куыст ссарыны æмæ куысты базары активон политикæйы ауадзын, сæ нымæцы, фæсарæнты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн легалонæй кусыны фадат раттын, хицауады иуæй-иу сæйраг приоритет у» – хъусын кæнынц министрады.