5:2 -  Гуырдзыстоны æмбырдгонд  Болгарийы  стыр хыгъдæй  рамбылдта #1TVSPORT
5:2 - Гуырдзыстоны æмбырдгонд Болгарийы стыр хыгъдæй рамбылдта #1TVSPORT

Гуырдзыстоны æмбырдгонд  футболы, Нациты Лигæйы  дыккæгæм матч Болгарийы  ахъазыд.  Фембæлд ацы Разграды  «Лудогорецы»  стадионыл.

Матчы  4-æм минутыл  Зурико Давиташвили   бакодта  хыгъд  æмæ фыццаг къæм баппæрста.

Фыццаг таймы  Гуырдзыстоны  æмбырдгонды  тынг дзæбæх хъазты  фæстиуæгæн  хыгъд  сфиксир ис  0:2  гуырдзиаг футболистты пайдайæн.  31-æм минутыл  галиу  флангæй  къæмы  æмавторæй  ссис  Ираклий Азаров – уый  бахъавыд  порти   размæбырсæгмæ  адæттын  фæлæ, тымбыл  болгайраг хъаъъхæнæджы  къах аныдзæвта   æмæ   сæ  дуæрттæм  батахт,  афтæмæй  Христов   ссис  автоголы  автор.

Матч  дыккаг таймы болгайраг Илиев  иу  порти  ьаппæрста Гуырдзыстоны æмбырдгондæн, фæлæ    дыууæ минутмæ  Зивзивадзе   æртыккаг   кæм  батылдта  болгайрæгтæн  æмæ  хынц райрæзтис  1:3.

Матчы  58 минутыл – хвича Кварацхелиа  самал кодта  11 метрон  иварон цæф,  кæцыйы  йæхæдæг сыххæт кодта  æмæ  хыгъд ссис 1:4. Ацы  къæм  Кварацхелиайæн  уыдис 7-æм  æмбырдгонды  сконды  14  матчы мидæг.

Вако Хъазаишвили   фæзмæ  рахызт  раст Кварацхелиайы  бæсты   67-æм минутыл. Æмæ портийы   фыццаг ныдзæвд  фестын кодта къæмæй,  матчы 70-æм минутыл.  Уымæй 13 минуты  фæстæ  Стефановæн бантыстис  ноджы  иу  къæм батулын  гуырдзиаг  футболистты  дуарæттæм  – 2:5.

Уый фæстæ ма 90+4 минутыл Гуырдзыстоны æмбырдгондмæ уыдис   шанс   æхсæзæм   къæм баппарын дæр фæлæ  Къвекъвескири  пенальты  дырыс  нæ  ныццавдта  æмæ   шасн  йæ  къухæй  ауагъдта.