Болгарийы  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ  рæстæгмæ  легалон куыст ссарын фадат райсдзысты
Болгарийы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ рæстæгмæ легалон куыст ссарын фадат райсдзысты

Болгарийы  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ  рæстæгмæ  легалон куыст ссарын фадат райсдзысты.  Уый дары  йæ хъуыдыйы бадзырд, кæцыйы бафыссын фæрстæ  хъавынц  æввахс  фидæны.

Бадзырд  бафыссынæй  æхсæз мæйы æмгъуыдмæ  рæстæгмæ легалон   куыст ссарыны  конкретон  схемæ  скусын кæнынæн,  хъæугæ  доументтæ æрцæттæ  уыдзæн.

Фарстайыл  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритæй  лигъдæтты,  куысты, æнæнимздзинады  æмæ социалон  хъахъхъæдады министрады,  Болгарийы республикæйы  æмæ Гуырдзыстоны æхсæн кусæн миграцийы  регулиркæныны  фæдыл  бадзырды  проектыл  бадзырдты  официалон раунд  ацыд.

Рабадтæн сæрдариуæг кодта  æмæ Гуырдзыстоны делегацийы  къухдариуæггæнæг  уыд министры хæдивæг  Тея Ахвледиани, æрмæст Болгарийы  делегацийы  къухдариуæггæнæг  уыд  куысты æмæ социалон политикæйы  миинистры  хæдивæг лазар Лазаров.  Фембæлдыл фæрстæ  сразы кодтой  позицитæ Гуырдзыстогны æмæ Болгарийы  æхсæн кусæн  миграцийы регулиркæныны сферæйы  æмкуысткæнынады  дыууæфарсон бадзырды текстыл  æмæ  æххæст текстыл  разыдзинадмæ æрцыдысты.

Фæнысангонд процесс Гуырдзыыстоны æмбæстæгтæн  ратдзæн Болгарийы  Республикæйы  æмбæлон  æркуырд цы професситыл  ис уыдоныл  квалифирцгонд  кусджыты рæстæгмæ  легалонæй  куыст ссарыны фадат.

«Куыст ссарыны æмæ куысты базары активон  политикæйы ауадзын, сæ нымæцы, фæсарæнты  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн  легалонæй  кусыны фадат раттын,  хицауады иуæй-иу  сæйраг  приоритет у» – хъусын кæнынц  министрады.