Болгарийы фæсарæн хъуыддæгты министрад, Греци æмæ Туркы хицауадты фæдзæхсы донивылды тасы тыххæй
Болгарийы  фæсарæн хъуыддæгты министрад, Греци æмæ  Туркы  хицауадты  фæдзæхсы донивылды тасы тыххæй

Болгарийы  фæсарæн хъуыддæгты министрад, Греци æмæ  Туркы  хицауадты  фæдзæхсы,  цæугæдæтты  Марица  æмæ  йæ фæрсагдоны, Ардайы доны бæрзæнды   фæдисон  нысаны  онг  схизыны  тыххæй.

Цæугæдон Марица,  Болгарийæ  Турчы æмæ  Грецийы арæнты уылты у.  Грецимæ æрвыст  фæдзæхсты мидæг банысангонд у,  цæмæй  æнæнцайгæ  кæъвдайы ф æстиуæгæн,   кæцыйы  прогноз дæттынц синоптиктæ,   цæугæдон Ардайы  доны бæрзæнд  ноджы  фæфылдæр уыдзæн.

Болгарийы  хицауады  тæрсынц, цæмæй  æввахс бонты  ацы  цæугæдоныл  арызт  Ивайловграды   донмарæн  байдзаг уыдзæн.   Ис  донивылды  тас, цæй  тыххæй  дæр,   гидроэлектростанцæ,  ахызт  куысты  уæлвæтк режиммæ.

Цыдæриддæр та   цæугæдон Марицамæ  æххæссы, Турчы  арæнмæ хæстæг уæвæг  сахар  Свиленграды  алфæмбылæйтты,   доны   æмвæз  фæдисон,  сырх  нысанмæ ахæццæ ис.  Рагфæдзæхст æрвыст æрцыд Турчы  хицауадмæ дæр.