Болгари æмæ Польшæ, сæ æмбæстæгтæм сидынц, Уæрæсейы территори æнæаргъæвгæйæ ныууадзынмæ
Болгари æмæ Польшæ, сæ æмбæстæгтæм сидынц, Уæрæсейы территори æнæаргъæвгæйæ ныууадзынмæ

Болгарийы æмæ Польшæйы   хицауæдтæ  сæ æмбæстæгтæм  æрсидтысты,  æнæаргъæвгæйæ   ныууадзой Уæрæсейы территори.  Уый фæдыл фидиуæнтæ дыууæ бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министрадты сарызтой.

Болгарийы  фæсарæн хъуыддæгт министрады фидиуæны,  хицауад сиды  æмбæстæгтæм, сæхи бауромой Уæрæсейы Федерацимæ  балц кæнынæй æмæ сын амоны,  Уæрæсейы баззайгæ  Болгарийы æмбæстæгтæн,  ахъуыды кæной Уæрæсейы территори  куыд гæнæн ис афтæ тагъд ныууадзыныл,  спайда кæной алы  уæвæг   транспортон фæрæзтæй.

Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд  аналогион мидисы фидиуæны афтæдæр фыст ис, цæмæй «æдасдзинады  уавæры виппайды фæфыддæры цауы,  уый нымæцы  арæнтæ æрыхгæды  кæнæ æндæр   уавæрты,  эвакуаци гæнæн ис  фæзын уа  кæнæ   бынтон æнæнтысгæ суа». Сиды йæ æмбæстæгтæм, алы   уæвæг  транспортон  фæрæзтæй  ныууадзой  Уæрæсейы  территори.