«Блумбергы» информацийæ, Пентагон а.х. мæнг уацтимæ хæстмæ æрывнæлдта
Пентагон æрывнæлдта мæнг уацтæ цы хонынц уыйимæ тохмæ. Агнентад «Блумберг» хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ АИШ-ы хъахъхъæнынады уагдон, райдайы проекты реализаци, кæцыйы нысан у «егъаумасштабон автоматонæй генериргæнгæ информацион бырсты ныхмæлæуд».
Фæнысангонд проекты Пентагон 2020 азы президентон æвзæрстыты размæ райдайдзæн, цæмæй йæхи бахиза æвзарæнон процесстæм хъомысдарын æмæ хифæкæнды гæнæн цаутæй.
«Блумбергы» хъусинагæй, АИШ-ы æфсæддон уагдон балхæндзæн программæтæ, кæцытæ дæттынц фадат рабæрæг кæной а.х. мæнг уацтæ, куыд текстон афтæ ауди-визуалон форматты.
Куыд æнхъæлынц афтæмæй, системæ цалдæр азы дæргъы тестон режимы кусдзæн, цæмæй сбæрæг уа йæ эффективондзинад. Фæлварыны рæстæджы социалон хызаджы 250 мин информацион публикаци æмæ 250 мин пост ахæлиу вæййынц, кæцыты æхсæн 5000-æй фылдæр а.х. мæнг ног хабар уыдзæн.
Пентагон афтæдæр кусдзæн алгоритмыл, кæцы америкаг æфсæддæттæн ратдзæн фадат а.х. мæнг уацтæ уæдмæ рабæрæг кæна, цалынмæ уыдон социалон хызаджы популярон суыдзысты. ДЗырдæуы ахæм детекторты саразыныл, кæцытæ сенамтикон æнæмбæлондзинад раргом кæндзысты.