Белграды акцитæ дарддæр кæнынц, абон студенттæ уынгты сæхгæнын бацархайдтой
Сербийы сæйраг горæты протестон акцитæ дарддæр кæнынц. Абон Белграды уынгты блокирдзинад бацархайдтой студенттæ.
Белграды оппозицийы уагъд протест знон пъæлицæйимæ быцæуæмбæлдмæ ахызт. Цæф сты аст пъæлицæйаг. Барадхъахъхъæныджыты информацийæ, æрцахстой 38 протестгæнæгы.
Ахæлиугонд информацийæ, пъæлицæй акцийы хайадисджыты ныхмæ цæссыгуадзæн газ апырх кодта, уымæн æмæ акцийы хайадисджытæ мэриайы бæстыхамæ бабырсын архайдтой.
Белграды оппозици æвзæрстыты фæстиуджытæ протест кæны.