Оппозици 25 февралы  æмæ 31  марты Тбилис æмæ Батумы  акцитæ ауадздзæн
Оппозици 25 февралы æмæ 31 марты Тбилис æмæ Батумы акцитæ ауадздзæн

Оппозици  25 февралы  æмæ 31  марты  Тбилис æмæ Батумы  акцитæ ауадздзæн, – уый фæдыл  «Националон Змæлды» сæрдар  Ника Мелиа  фехъусын кодта  журналисттæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 25 февралы  ацæудзæн  сабырадон  манифестаци-цыд  æрмæст 31 марты  уæрæхмасштабон  акци.

«Регуляронæй  æмбырд кæнæм,  куы иу «Лейбористон Партийы» офисы, куы иу  «Лелойы»  офисы æмæ ай у фыццаг æмбырд фæстаг  мæй æмæ æрдæджы дæргъы,  æмæ   мах, кæй зæгъын æй хъæуы,  рахастам уынаффæ, цæмæй 25  февралы  100  азы  размæ,  бон, нæ бæстæйы  советтонæй  скæнын сын  куы бантыстис,  уый æппæт хъуамæ  спротест кæнæм  сабырадон  цыд-манифестацийæ  100 азы сæрыл.   Гуырдзыстоны  фæстæмæ уыцы быцæусидты раз лæууæм,  знагон  ахаст дарæг падзахад æмæ йæ  адепттæ,  хицауады  уæвгæйæ  раст уыцы тас хæссæг  сты,  цавæр  тасы раз дæр  100 азы   размæ лæууыдыстæм.  Сабырадон цыд-манифестаци  ацæудзæн  Тбилисы  æмæ Батумы  25 февралы æмæ ацы  рæстæджы уæрæхсмаштабон  акци ацæудзæн  31  марты, кæцы афтæдæр нысаниуæгджын  бонимæ баст у  Гуырдзыстоны историйы. 31 марты, кæй зæгъын æй хъæуы,  уыдзæн  бирæ  активондзинад», – райхъусын кодта Ника Мелиа.