Сомихаг медиайы информацийæ, Ереваны æмæ Вайоцдзоры  районы цæугæ акцитыл цалдæр гоймагы  æрцахстой
Сомихаг медиайы информацийæ, Ереваны æмæ Вайоцдзоры районы цæугæ акцитыл цалдæр гоймагы æрцахстой

Сомихаг медиайы  информацийæ, Ереван æмæ Вайосдзоры  районы   цæугæ  акцитыл  цалдæр уæнгы  æрцахстой.

Пъæлицæйы фидиуæнæй,   протестон   акцийы рæстæджы Ереваны  аст адæймагы æндæр æмæ æндæр аххосагæй  æрцахстой.  Сомихаг медиайы хъусинагæй,  сæ нымæцы  дыууæ  уæнгы  хæцæнгарзы æнæзакъононæй  бавæрыны аххосагæй,  иуы  та  фæдзæхст мигæнæны дарыны тыххæй.

Вайоцдзры районы та, медиа  куыд фыссы афтæмæй,   æрцахстой цыппар гоймагы.  Уыдонæй æртæйы  пъæлицæйæн æнæкоммæгæсы  тыххæй,   иуы та  пъæлицæйы ныхмæ тыхмидзинады тыххæй.

Бакой уын кæндзыстæм, Сомизыстоны акцитæ 20 апрелæй райдыдтой. Акцийы хайдаисджытæ æмæ организацигæнджытæ хъусын кæнынц, цæмæй Азербайджанимæ арæны демаркацийы  фæлгæтты иуфарсон фæхатыр  протест кæнынц.