Майрæмбон оппозици акцитæ ауадздзæн  Тбилисы æндæр æмæ æндæр  ран
Майрæмбон оппозици акцитæ ауадздзæн Тбилисы æндæр æмæ æндæр ран

Гуырдзыстоны алы демократон  политикон тых, æмбæстагон дзыллæ æмæ  хуымæтæгæй, Гуырдзыстоны  кæцыфæнды  цæсгомджын  æмбæстаг  æмбарынц, цæмæй  Гуырдзыстоны, цырд темпæй  фидар кæны уырыссаг типы  автократи, – уый фæдыл  «Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиа райхъусын кодта.

Ника Мелиа куыд банысан кодта афтæмæй,   «Гуырдзиаг Бæллиццы» режим, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  байста сæ æзæрсты бар, кæцы йæ хъуыдыйы  дары   законы сæйрагдзинадыл, адæймаджы барты хъахъхъæдыл бындурæвæрд паддзахад, кæцы хъуамæ уа   интегриргонд цивилизацигонд, демократон  дунейыл,  ай æппæтыл  нæзагъд ракодтой.

«Дарддæр кæнæм протестон, фидар, æнæаскъуынгæ, æнæтыхми змæлд. Рахастам уынаффæ  иуæймаг  ацы  цауы парти «Лело» «Националон Змæлд» «Гирчи-Фылдæр Сæрибардзинад» æмæ парти «Дроа», ома майрæмбон 15:00 сахатыл ауадзæм Тбилисы æртæ  хъауджы  географион  локацийæ цыд, манифестаци, демонстраци, куыд уæ фæнды  афтæ йæ схонут.  Тбилисы, майрæмбон 15:00 сахатыл уæм æнхъæлмæ кæсæм  ацы рæтты –  метро «Авлабарийы» цур, цы ран æрымбырд уыдзæни »Националон Змæлды»  фарсхæцджыты  стыр  къорд  æмæ уыдзыстæм  уым,  метростанцæ «Станцæйы фæзы» цур, атæдæр 15:00 сахатыл  цыдæн йæ сæргъ слæудзæн  парти «Лело»-йы  минæвæрттæ, лидертæ  æмæ æртыккаг локаци  афтæдæр 15:00 сахатыл  метростанцæ  «Университет»,  Важа Пшавелайы  проспекты  кæрон,  уым  цыдæн йæ сæргъ слæудзæн   «Гирчи- фылдæр сæрибардзинады» æмæ «Дроайы»   лидертæ», –  райхъусын кодта Ника Мелиа.