Батумы, Сау Денджызы æрцæугæ спырхы  фæдыл  МХМ публикаци кæны фидиуæн
Батумы, Сау Денджызы æрцæугæ спырхы фæдыл МХМ публикаци кæны фидиуæн

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад Батумы, денджызы  æрцæугæ  спырхы фæдыл   фидиуæн публикаци кæны.

Фидиуæны куыд дзырдæуы  афтæмæй,  фактыл фæдагуырд   Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады кодексы  229   статийæ  цæуы.

«Арæйнон  пъæлицæйы    донбыл хъахъхъæды  департаменты  кусджытæ, тагъддзæуæн  катертæй  Батум æмæ  Поты акваторийы  афтæма  наулæууæнты  бæрæг кæнынц, афтæма æххæст кæнынц   Анаклиайæ  Сарпийы онг    донбыл хаххы  мониторинг. Уæлвæтк уавæрты  куысты  æмбæлгæ  хайадтæ,    специалон   дронты  фæрцы  периодонæй   мониторинг æххæст кæнынц.

Регионы уæвæг уавæры тыххæй,   фæстаг   периоды ахæм цаутæ  сфиксир сты   Сау денджызгæрон  æндæр паддзахадты дæр.

Гуырдзыстоны  арæйнон пъæлицæйы донбыл хъахъхъæды лепартаменты æмæ Сау Денджызы  бассейны  бæстæты æхсæн  уæвæг   æмгуыстады фæдыл   форумы фæлгæтты,  ивгъуыд азы   дæргъы сыххæст ис   информацийы  алæвæрд, сæрмагондæй  Болгарийы  Сау Денджызы  арæйнон координацион  æмæ информацион  центрæй  æмæ Турчы   националон координацион   центрæй ист  уыдис информаци, Сау Денджызы  бæстæты  арæйнон тыгъдады ( Турк, Румыни, Болгари æмæ Украина) ссардæуыд  ленкгæнæг минæты  фæдыл. Афтæма  фехъусын нын кодтой, цæмæй æвзæр метеорологион уавæрты ( шторм)  фæстиуæгæн, гæнæн уыд   ленкгæнæг  минæтæ  дон раластаит  денджызон  тыгъдадмæ.

Мидхъуыддæгты министрад æмбæстæгтæм   сиды,  цæмæй  Сау Денджызы  кæнæ донбыл   хаххыл  гуырысхойаг   мигæнæн фæфиппайыны  цауы,  æнæаргъæвгæйæ фехъусын кæнæт  Æхсæнадон æдасдзинады  фæткдæттæг   центр «112»-мæ  æмæ деталонæй сын бадæттæт  информаци», – банысангонд у   фидиуæны.