Египетаг авиакомпани Air Cairo, кæцы Гуырдзыстоны авиацион базары 2014-æм азæй кусы, ног маршрутыл — Каир æмæ Батумы æхсæн рейстæ æххæст кæнын райдайы. Уый фæдыл Гуырдзыстоны æмбæстагон авиацийы агентад хъусын кæны.
Уагдоны информацийæ, рейстæ 2026-æм азы сæрдыгон навигацион сезоны æххæстгонд æрцæудзысты.
«Авиакомпани æмбæстагон авиацийы агентадмæ бавдыст рейсы куырдиатмæ гæсгæ, æнæрегулярон (чартерон) рейстæ маршрутыл Каир – Батум – Каир уагъд цæудзысты 30-æм июнæй 22-æм сентябры онг, алы дыццæджы дæр. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Каир æмæ Батумы æхсæн раздæр комкоммæ рейс нæ уыд.
Æмбæстагон авиацийы агентад, кæцы Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады сконды ис, авиакомпанийæн æнæмæнгхъæугæ барлæвæрд 30-æм марты ратта.
Ныртæккæ «Эйр Каир» Шарм-эль-Шейх æмæ Тбилисы æхсæн рейстæ къуырийы мидæг иу хатт аразы. «Ног здæхты баконд аразы ног туристон коридор Египеты сæйраг сахар æмæ Гуырдзыстоны денджызон курорты æхсæн, кæцы æнцондæр кæндзæн дыууæ бæстæйы æхсæн туристон къордты транспортирдзинад», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы.