Фыццаг Каналы информацийæ, «Гуырдзыстоны Банкъы» Зугдиды филиалмæ бырсты æмæ уымæ уæвæг æмбæстæгты амынтæ скæныны зылынмæ лæвæрд Бадри Эсебуайы хъæу Джихашкарийы æрцахстой.
Барадхъахъхъæнджытæн уый æрцахсты рæстæджы быцæу нæ ныллæууыд.
Бадри Эсебуайы æрцахсты фæдыл информаци цъус рæстæг размæ ахæлиу ис.
Эсебуайы æрцахсты официалон комментари мидхъуыддæгты министрады нырма нæ сарызтой.
Зугдиды «Гуырдзыстоны Банкы» филилмæ бырст 2020 азы 21 октябры æрцыд. МХМ-ы информацийæ стъигъыны нысанæн бырст сыххæст кодта Бадри Эсебуа. Бырсæг цалдæр сахаты дæргъы амынæты дартта 43 адæймагы. Фæдагуырды информацийæ, бырсæг банкæйы æрдæг милуан доллар ахаста.