Бадри Эсебуайы  барадхъахъхъæнджытæ  хъæу Джихашкарийы  æрцахстой
Бадри Эсебуайы барадхъахъхъæнджытæ хъæу Джихашкарийы æрцахстой

Фыццаг Каналы  информацийæ,   «Гуырдзыстоны  Банкъы» Зугдиды  филиалмæ  бырсты   æмæ   уымæ уæвæг æмбæстæгты  амынтæ скæныны    зылынмæ  лæвæрд   Бадри Эсебуайы  хъæу Джихашкарийы  æрцахстой.

Барадхъахъхъæнджытæн уый æрцахсты рæстæджы  быцæу нæ ныллæууыд.

Бадри Эсебуайы  æрцахсты  фæдыл   информаци цъус рæстæг размæ  ахæлиу ис.

Эсебуайы   æрцахсты  официалон комментари   мидхъуыддæгты министрады  нырма  нæ сарызтой.

Зугдиды   «Гуырдзыстоны Банкы» филилмæ  бырст 2020  азы  21  октябры  æрцыд. МХМ-ы  информацийæ  стъигъыны  нысанæн  бырст сыххæст кодта Бадри Эсебуа. Бырсæг цалдæр сахаты дæргъы  амынæты дартта   43  адæймагы. Фæдагуырды  информацийæ,  бырсæг   банкæйы  æрдæг милуан   доллар ахаста.