«Гуырдзыстоны Банк» -  дарддæр кæндзыстæм санкцитимæ баст домæнтæ æххæст кæнын
«Гуырдзыстоны Банк» - дарддæр кæндзыстæм санкцитимæ баст домæнтæ æххæст кæнын

«Гуырдзыстоны Банкы» хъусын кæнынц, цæмæй Национ Банкъы  уынаффæмæ нæкæсгæ,  нæ хъавынц  уагæвæрд æхсæнадæмон   санкцитæ аивын.  Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн «Гуырдзыстоны Банкы»  пресскуысты  фехъусын кодтой.

«Мах æххæст кæнæм æмæ адарддæр  кæндзыстæм, АИШ-ы, Евроцæдисы æмæ Иугонд  Паддзахады  санкциты æрдгæй  домæнтæ æххæст кæнын» – банысан кодтой  коммерцион банкы.

Гуырдзысотны Национ Банк Гуырдзыстоны раздæры   сæйраг прокурроры,  Отар Парцхаладзейæн санкцитæ  сфидар кæнын фæдыл  знон   информаци фехъусын кодта.   Национ Банкы  куыд   хуъсын кнынц афтæмæй,  Гуырдзыстоны  æмбæстагмæ нæй гæнæн   баххæсса  санкцитæ, кæд гуырдзиаг тæрхндоны йæ нызмæ  æмбæлгæ хъуыддагыл не  слæууыд   зылынгæнæг  тæрхоныскъуыд. Национ Банкы  афтæдæр райхъусын кодтой, цæмæй  Гуырдзыстоны Конституцийæ  гарантиргонд Гуырдзыстоны  æмбæстагы барты æмæ сæрибардзинæдты  æххæстæй реализацидзинады  нысанæн, Гуырдзыстоны Национ Банк бакуыста  æмæ скусын кодта  санкциты режимы сыххæсты уагы æмбæлгæ ивддзинад.