Азербайджаны коронавирусæй фæрнчынуæвджыты нымæц сырæзт 1253-ы онг
Азербайджаны фæстаг иу боны дæргъы коронавирусæй инфицирады 56 ног цау рабæрæг ис. Вирусæй сдзæбæх сты æмæ хæдзæрттæм афыстой 53 пациенты. Уый фæдыл информацийы азербайджайнаг агентад «Тренд» хицауадимæ æмархайæг оперативон штабыл æнцойæ хъусын кæны.
Официалон бæрæггæнæнтæй, бæстæйы æдæппæт рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1253 цау, уыдонæй сдзæбæх сты 404 адæймаг, 13 та æрбамард сты.
Ныр Азербайджаны рынчындæтты 836 пациентæн хос кæнынц, уыдонæй 24 уавæр у иттæг уæззау. Азербайджаны хицауады хъусинагæй, коронавирусы рабæрæг кæнынæн сырæзт 75 минæй фылдæр тест.