Азербайджаны хъусинагæй, сæ тыхтæ  Физулийы бацахсынæн бырсæнцыд кæнынц, Сомихыстоны хъахъхъæнынады уагдоны дзурынц, цæмæй  ныхмæлæууæг фарс  радон бырстмæ цæттæ кæны
Азербайджаны хъусинагæй, сæ тыхтæ Физулийы бацахсынæн бырсæнцыд кæнынц, Сомихыстоны хъахъхъæнынады уагдоны дзурынц, цæмæй ныхмæлæууæг фарс радон бырстмæ цæттæ кæны

Азербайджаны  хъахъхъæнынады  министрады хъусинагæй, азербайджайнаг  тыхтæ горæт Физулийы  бацахсынæн  бырсæнцыд  кæнынц.  Уагдоны фидиуæн хъусын кæны  азербайджайнаг  агентад  «Тренд».

«Сæумæрайсомы 07:00 сахатæй 08:00 сахаты онг, Сомихыстоны  æфсæдды   ноджы цыппар танкы,  нæ  хъайтар æфсæддæттæ  фронты  Физули-Джабраилы æрдæмадыл скуынæг кодтой.   Ныр  хæстон архæйдттæ  дарддæр кæнынц», – дзырдæуы  Азербайджаны  хъахъхъæнынады  уагдоны  фидиуæны.

Йæхи æрдгæй   Сомихыстоны  хъахъхъæнынады  министрады минæвар  Арцърун  Ованисян социалон хызаг «Фейсбукы»  фыссы ома,  ныхмæлæууæг фарс  радон бырстмæ цæттæ кæны.

«Ныхмæлæууæг  фидар арлтиллерион   цæттæдзинадмæ рахызт, уый  радон  бырстмæ цæттæ кæны», –  фыссы Сомихыстоны  хъахъъæнынады уагдоны  минæвар.

Уæдмæ Сомихыстоны æмæ Азербайджаны  хъахъхъæнынады  министрадтæ  ивгъуыд æхсæвы  дæргъы  интенсивон  хæстон  архæйдты æмæ  ныхмæлæууæгы сæфты  фæдыл  информаци хъусын кодтой.