Азербайджан Сомихыстоны зылынджын кæны Азербайджаны æфсæддоны позициты æрдæм æхсты, Сомихыстон та аххосæгтыл нæ сæтты
Азербайджан Сомихыстоны зылынджын кæны Азербайджаны æфсæддоны позициты æрдæм æхсты, Сомихыстон та аххосæгтыл нæ сæтты

Баку Ереваны  зылынджын кæны Азербайджаны æфсæддоны  позициты æрдæм   æхсты, Сомихыстон та  аххосæгтыл нæ сæтты.

Азербайджаны  хъахъхъæнынады министрады фидиуæнæй,   10 сентябры сихорафонæй 11 сентябры  сæумæрайсоммæ, Сомихыстоны  гарзджын тыхты   хайадтæ,  Горусы  æмæ Хезинавары Гаракилсы  районты  уæвæг позицитæй,   æндæр æмæ æндæр калдибры  хæцæнгарзæй,  æхстой  Басаргечары æмæ Лачины    районы уæвæг   азербайджайнаг   позициты  æрдæм.  Хъахъхъæнынады  уагдоны  хъусинагæй,  Азербайджаны æфсады  хæйттæ  адекватон  дзуаппон  мадзæлттæ  райстой.

Сомихыстоны  хъахъхъæнынады министрады та  хъусын кæнынц, цæмæй  Азербайджан  радон  дезинформаци  хæлиу кæны æмæ Сомихыстоны  æфсæддон хайадтæ   не хстой  Сомихыстон-Азербайджаны  арæнгæрон уæвæг   азербайджайнаг  позициты æрдæм.

Сомихыстоны хъахъхъæнынады  уагдоны информацийæ,  Сомихыстон-Азербайджаны  арæныл уавæр  абаргæйæ   стабилон у æмæ Сомихыстоны гарзджын тыхты  контролы бын ис.