Азербайджан, Бако-Тбилис-Джейханы нефтуадзæнмæ, Сомихыстоны гарзджын тыхты æрдгæй сæххæст ракетон хафты архайды тыххæй  хъусын кæны, Сомихыстоны та информацийы мæнгæй   хонынц
Азербайджан, Бако-Тбилис-Джейханы нефтуадзæнмæ, Сомихыстоны гарзджын тыхты æрдгæй сæххæст ракетон хафты архайды тыххæй хъусын кæны, Сомихыстоны та информацийы мæнгæй хонынц

Сомихыстоны  хъахъхъæнынады  министрады  официалон   минæвар  Шушан  Степанян  «нæ» кæны  азербайджайнаг фарсы  ахæлиугонд  информацийыл,  ома  Сомихыстоны  гарзджын тыхтæ  Бако-Тбилис-Джейханы  нефтуадзæныл ракетон  хафт сыххæст кæнын бацархайдта.

Уый фæдыл  Шушан Степанян  социалон хызаг  «Фейсбукы»  фысы.

«Азербайджайнаг  фарсы  фидиуæн, цæмæй   сомихаг  дæлхайадтæ  Бако-Тбилис-Джейханы  нефтуадзæныл ракетон  хафт сыххæст кæнын бацархайдтой –  мæнг у.  Мах  æнæиу хатт   загътам, цæмæй  нæ нысан  нæу нефтуадзæны æмæ газы инфраструктурæ, фæлæ сæ бынатмæ нæкæсгæ, алы æфсæддон объект æмæ ранæй,  кæцыйæ  фехсдзысты  Арцахы æрдæм,  скунæг æй кæндзыстæм», –  фыссы   Сомихыстоны  хъахъхъæнынады   уагдоны  минæвар.

Уæдмæ Азербайджаны  генералон  прокуррор   ахæлиу кодта   фидиуæн, кæцымæ гæсгæ дæр,   Сомихыстоны  гарзджын тыхтæ  бæстæйы   æфсæддон-политикон  къухдариуæгады  барамындæй,   Эвлахы  районы, Бако-Тбилис-Джейханы  нефтуадзæны  фадыгыл ракетон  хафт  сыххæст кæнын бацархайдтой, фæлæ сæ информацийæ,  Азербайджайнаг фарс  «фæнысангонд территористон архайд цæхгæр кæрон скодта».

Азербайджаны  президенты  æххуысгæнæг  Икмет  Гаджиев  «Твиттеры»  фыссы, цæмæй   Сомихыстонæй  Бако-Тбилис-Джейханы æрдæм фехсгæ  ракетæ  нефтуадзæнæй  дæс  метры дæрццæг  æрхауд.  Гаджиевы дзырдæй,  зæгъгæ хæтæлвæд  нæ  базиан ис.