Австралийы хицауад, масштабон зынгсирвæзты тыххæй цæрджытæн амоны балцы цыдæй сæхи бауромой
Австралийы масштабон зынгсирвæзты тыххæй, бынæттон хицауад цæрджытæн амоны балцы цыдæй сæхи бауромой.
«ВВС»-ы хъусинагæй, Автсралийы цыппурсы бæрæгбонмæ гæсгæ фæндæгтыл змæлд сæрмагондæй фæактивон уыдзæн, растдæр уый тыххæй бынæттон хицауад цæрджытæн амоны, æввахс фидæны стихийы зонæмæ хæстæгн, цыфæнды типы змæлдæй сæхи бауромой. Уый тыххæй Ног Хуссар Уэльсы штаты, цалдæр сæйраг автомагистрал рæстæгмæ æрыхгæдтой.
Масштабон хъæды сыгъд, Ног Хуссар Уэльсы штаты сирвæзтис. Уый тыххæй, регионы уæлвæтк уавæр расидтысты. Стыр Британийы Æхсæнадон Уацхæссæгы хъусинагæй, ацы моментмæ зынгвæдисонтæ 100 –йæ фылдæр артдзæсты ахуыссын кæнын архайынц.