Гурджааны муниципалитеты фидар уад æмæ къæвда проблемæтæ расайдтой
Кахеты, Гурджааны муниципалитеты фидар уад æмæ къæвда проблемæтæ сарызтой.
9 апрелы уынгыл уæвæг хæдзæрттæн, уад сæ уæлхæдзæрттæ аскъæфта. Фидар уады афæлдæхта бæлæстæ, кæцыйы фæстиуæгæн базиан ис электроадæттæн хаххытæ æмæ газы хæтæлтæ. Ацы рæстæгмæ Гурджааны цæрджытæн нæй электроэнерги æмæ газ.
Уыимæ тæркъæвда базиан кодта хъæууон-хæдзарадон садзæнтæ æмæ дыргъхæссæг бæлæстæ.
Бынатыл сты бынæттон хицауады минæвæрттæ. Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ мэры хæстæ æххæстгæнæг Лери Геленава куыд райхъусын кодта афтæмæй, Гурджаанæй дарддæр ма стихийы фæстиуæгæн базиан сты цæрæн хæдзæрттæ ноджы æртæ хъæуы.