Арчил Талакъвадзе Лиетувæйы Сеймы, Гуырдзыстоны парламентимæ хæларады къорды къухдариуæггæнæгимæ фембæлд
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Арчил Талакъвадзе Лиетувæйы Сеймы Гуырдзыстоны парламентимæ хæларады къорды къухдариуæггæнæг, Жигимантас Павилионисимæ фембæлд.
Парламенты пресс-куысты инфоромацийæ, фарсытæ дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг хæларон æмæ партнерон ахастытæ афæлгæстой æмæ парламентон æмкуысткæнынады динамикæйæ скодтой аргъ.
«Бахахх ис базарадон-экономикон, ахуырады æмæ хъахъъхæнынады æрдæм æмкуысткæнынады потенциалы æмæ ацы æрдгæй бастдзинад интенсификацийы нысаниуæг.
Фарсытæ афтæдæр цæттæдзинад сбæлвырд кодтой Гуырдзыстоны æмæ Лиетувæйы æхсæн кусæн миграцийы æрдгæй æмкуыстдзинады тыххæй. Хъусдард здæхт æрцыд оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты уæвæг фæдисон уавæры æмæ Гурдзыстоны хицауады сабырадон инициативæйы æрдæм.
Арчил Талакъвадзе уазæгæн раарфæ кодта Лиетувæйы æрдгæй Гуырдзыстоны демокративон трансформацийы æмæ территорион æнæхъæндзинады, афтæдæр Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъдимæ разыдзинады тыххæй» банысангонд у информацийы, кæцыйы ахæлиу кодта Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыст.