Лиетувæйы Сеймы  минæвæрттæ  уыдысты  хъæхъхъæнынады  уагдоны
Лиетувæйы Сеймы минæвæрттæ уыдысты хъæхъхъæнынады уагдоны

Гуырдзыстонмæ визитæй æрцыд Лиетувæйы Республикæйы  Сеймы  националон æдасдзинады æмæ хъахъхъæнынады  комитеты  делегаци.

Комитеты сæрдары, Лауринас  Касчиунасы  къухдариуæгæй,  Лиетувæйы бæрзонддæр   закъондæттæг оргæны минæвæрттæ  сфысым кодта  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министры  фыццаг хæдивæг  Лела Чиковани.  Фарсытæ  регионы   уæвæг   æдасдзинады   уавæр,  Гуырдзыстоны раз уæвæг   тас æмæ  æртхъирæнтæ афæлгæстой.

Фарсытæ  Украинайы  уæвæг уавæр  æркастысты æмæ  банысан кодтой,  цæмæй  Уæрæсйеы  агресси  у æртхъирæн   æппæт регионæн  æмæ европаг  æдасдзинадæн.  Бафаудтой  Украинайы ныхмæ   Уæрæсейы  агресси æмæ ацы æрдгæй  бæстæты  æхсæн  хаххгондæй банысан кодтой,   ноджы фылдæр интенсивон  æмгуыстады нысаниуæг.  Хъусдард здæхт уыдис  Гуырдзыстоны  европаг æмæ  евроатлантикон  структурæты  уæнгсуæвынмæ  тырнынад  æмæ бæстæ ацы фæндагыл   цы прогрессмæ æрцыд  уымæ.

Афтæма  æркастысты  НАТО-ы  уæнгсуæвыны  æрдгæй  Гуырдзыстоны  уагъд реформæтæ, райсгæ  фæстиуджытæ  æмæ фидæнон плантæ.  Ныхас  уыд  дыууæ бæстæйы æхсæн  хъахъхъæнынады æмæ   æдасдзинады  сферæйы  æмгуыстады цæугæ  фарстатыл æмæ æмахастытæ стынг кæныны  перспективæтыл.  Лела Чиковани  дыууæ бæстæйы æхсæн  сæрмагонд хæлар ахастытæ  хаххгондæй банысан кодта.  Визиты фæлгæтты,   Лиетувæйы  Республикæйы  Сеймы  делегаци  фембæлдтæ  ауагъдта  закъондæттæг  æмæ æххæстгæнæг  хицауады минæвæрттимæ. Парламентаритæ  НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды иумæйагон центры (JTEC) дæр уыдысты, цы ран делегацийы  уæнгтæ  центры  инфраструктурæ æмæ фæрæзтимæ  æрзонгæ сты.