Арчил Талакъвадзе - æддагон къурс фидар сбæрæг кодтам, хицауад æмæ æхсæнад стæм æмуд
Парламенты вице-спикер Арчил Талакъвадзе хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстон алцыппæт аразы Украинаг адæмæн баххуыс кæнынæн. Нейтралитеты тыххæй та Талакъвадзе дзырдæй, Гуырдзыстонæн йæ сæрмагонд æддагон политикон къурс хъæддых бæрæг у, æмæ хицауад æмæ æхсæнад ацы фарстайы сты æмуд.
«Регионы ис иттæг уæззау кризис, Уæрæсейы Федераци бабырста Украинамæ, цæуынц хæстон архæйдтытæ. Диссаг нæу уый, цæмæй регионы алы бæстæ, сæ æдасдзинады уавæрты æмæ иумæйаг фарсхæцыныл хъуыды кæнынц. Нейтралитеты тыххæй та зæгъдзынæн, Гуырдзыстоны йæ æддагон политикон курс фидар сбæрæг кодта, хицауад æмæ æхсæнад æмуд сты. Кæд ныгуылæн æмæ æхсæнадæмон партнертæ бакусдзысты Украинайæн æдасдзинады уæлæмхас гарантитæ фидæнмæ, уæд цæй зæгъын æй хъæуы, ахæм гарантитæ æнæмæнгхæъугæ уыдзæн Гуырдзыстонæн дæр. Мах цæттæ стæм нæ æхсæнадæмон партнертимæ иумæ æркæсæм кæцыфæнды форматы, цæмæй цы саразын ис гæнæн уæлæмхасæй, цæмæй Гуырдзыстонæн уа уæлæмхас дæргъвæтин гарантитæ. Хъыгагæн, Уæрæсейы æрдгæй территориты оккупаци дарддæр кæны, Уæрæсейы æфсæддон хайадтæ сты нæ территорийыл æнæзакононæй æмæ 2008 азы фæстæ бафыстам æхст фæурæды фæдыл бадзырд, кæцы Гуырдзыстоны территорийæ Уæрæсейы æфсæдды аконд дарйы йæ хъуыдйы. 2008 азы фæстæ æмæ уæдмæ дæр, Гуырдзыстоны хицауады принципон æркуырд у, цæмæй Уæрæсейы оккупацион æфсæддæ ныууадзой бæстæйы территори. Гуырдзыстон йæ национ интересты хардзыл ацы дзырдлæвæрд фæстæмæ ахæссын нæ хъавы. Ацы дзырдлæвæрд фыст ис æхст фæурæды фæдыл бадзырды», – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.