Арчил Талакъвадзе – Украинайы æрдгæй ницы категорион  æркуырдтæ кæнæ домæнты бавдыст нæ уыд санкциты тызххæй, уымæн æмæ алы æхсæнадæмон  санкциты хай у  Гуырдзыстон дæр
Арчил Талакъвадзе – Украинайы æрдгæй ницы категорион æркуырдтæ кæнæ домæнты бавдыст нæ уыд санкциты тызххæй, уымæн æмæ алы æхсæнадæмон санкциты хай у Гуырдзыстон дæр

Украинаг фарс  ницы  категорион  æркуырдтæ кæнæ домæнтæ  санкциты  тыххæй  нæ бавдыста, уымæн æмæ   алы  сæйраг  æхсæнадæмон санкцийы   хай  у Гуырдзыстон дæр –  уый фæдыл  парламенты вице-спикер  Арчил Талакъвадзе «Моамбейы» комкоммæ эфиры  райхъусын кодта.

«Дыууæфарсон  уæлæмхас  арæнæвæрдты кæнæ санкциты тыххæй  куы зæгъæм уæд та, ууыл нæ аргумент сын базонын кодтам, кæцы абсолютонæй  æнцонæмбаргæ уыд Радайы  спикерæн æмæ  уырнæг дæн, æндæр коллегæтæн дæр, чидæриддæр  ацы фембæлдыл уыд.

Ацы визитæн йæ фыццаг нысаниуæг уыд, цæмæй  фарсхæцын   равдыстаиккам  Украинайы,  загътаиккам  мæсæллы, баххуыс уыдаиккам нæ ахастытæн, æмæ  уыцы   хæлардзинадæн кæцы  Украинамæ визиты рæстæджы уыд» – райхъусын кодта Талакъвадзе.

Контрабандон  уæзты, Гуырдзыстоны уылты Уæрæсемæ  змæлды фæдыл  Украинайы  æрдгæй  арызт куырдиаты тыххæй  куы зæгъæм, уæд Талакъвадзейы дзырдæй,  зæгъгæ  коллегæтæн Украинайы   бамбарын кодтой, цæмæй  уый гæнæн нæй æмæ  уый  Гуырдзыстон никуы ракæндзæн.

«Контрабандайы тыххæй  сын мах   лæмбынæг радзыдтам  нæ хæлæрттæн, цæмæй   нæй гæнæн физиконæй  уый  саразын, Гуырдзыстон уый никуы сараздзæн. Æмæ Гуырдзыстоны алы  æхсæнадæмон  уæзты змæлд, уыцы æхсæнадæмон бадзырды  æмæ системæты хай æрдгæй, кæцыйы уæнг у Гуырдзыстон, цæй зæгъын æй хъæуы  у абсолютонæй  æргом. Нæй  гæнæн, цæмæй Гуырдзыстоны исчи санкциты иувæрсты  ацæуа. Гуырдзыстон ацы процессы, афтæ  куыд  бирæ æндæр  æрдгæй,  у ныгуылæйнаг дзыллæйы   æмæ  ныгуылæйнаг   бинонты бинонты уæнг. Мах сиугонд стæм  нысаниуæгджын  документтæм, нысаниуæгджын системæтæм, куыд логистикон, афтæ таможнæйы æмæ ам исты  контрабандæйыл ныхас  гæнæн нæй. Уый бамбарын кодтам  нæ  хæлæрттæн» – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.