Ангела Меркель – Гуырдзыстон  æцæгдæр у бæстæ  кæцымæ сеппæтæй  фылдæр ис  стыр Европæйаг перспективæ
Ангела Меркель – Гуырдзыстон æцæгдæр у бæстæ кæцымæ сеппæтæй фылдæр ис стыр Европæйаг перспективæ

Гуырдзыстон, Украинæимæ иумæ,  æцæгдæр у ахæм бæстæ,  кæцыйæн сеппæтæй  фылдæр  ис стыр  Европаг песрпективæ  æмæ  уый  æвдисы –   ахæм дзуапп ратта   Германийы  канцлер  Ангела  Меркель Тбилисы  паддзахадон  университеты  студенты  фарстæн.

Фарст æххæссыд, Гемранийы ног   хурыскæсæйнаг политикæмæ,  кæцыйы  тыххæй  фæныхас кодта  Германийы  фæсарæн хъуыддæгты министр.

«Цыдæриддæр та  Германийы  политикæмæ  æххæссы  скæсæн Европæйы æрдæм, ай нæу ног ориентаци.

Хайко Маас æрмæстдæр бахахх кодта уый,  цæмæй  иттæг нысаниуæгджын у, Уæрæсеимæ  дзæбæх  ахастытæ,  уый у  Евроцæдисы  сыхаг, фæлæ иннæ рдгæй,   мах хъæуы  тынг дырыс  политикæ,  куыд хъуамæ  сырæза   скæсæн Европæйы æрдæм.     Гуырдзыстон, Азербайджан, Сомихыстон, фæлæ  Гуырдзыстон  æцæгæй у  уыцы  бæстæ, Украинæимæ иумæ,  кæцыйæн сеппæтæй  фылдæр ис  стыр Европæаг  перспективæ  æмæ  уый  æвдисы.

Махæн нныридæгæн ис визалиберализаци, бафыстам ассоциацидзинады   æмæ  сæрибар  базарады  бадзырдтæ.  Æввахс  10 азы  дæргъы,  мах  сплан кæндзыстæм  уыцы къахдзæфтæ, кæцы æвæрд  хъуамæ  уа  фидæны.  Афтæдæр адæймæгты  æхсæн ахастытæ  сты нысаниуæгджын,   профессион  ахуыры райсын,  профессийæ архайын,  кусын  æмæ  легалон  фæндæгты  рацагуырд.

Визалиберализацийы  скусын кæныны фæстæ,  бирæ  æрцыд   Гуырдзыстонæй, куыд  лигъдоны статус агурæг, афтæ.  Ай цæй зæгъын æй хъæуы   нæу нæ нысан, мах хъуамæ   рацагурæм  легалон фæндæгтæ  уый тыххæй, цæмæй   фæарфдæр уа,  нæ ахастытæ,  ахæм исты  ис.  Уый  хъуамæ рапарахат кæнæм, фæфидардæр кæнæм» –  райхъусын кодта  Ангела Меркель.