Иугонд Арабаг Эмиратты  райдыдта Ираклий Гъарибашвилийы   визит
Иугонд Арабаг Эмиратты райдыдта Ираклий Гъарибашвилийы визит

Иугонд Арабаг  Эмиратты   райдыдта Гуырдзыстоны пермьер-министр  Ираклий Гъарибашвилийы  визит.

Дубайы  æхсæнадæмон    аэропорты  хицауады  сæрдарæн йæ размæ рацыд    Иугонд Арабаг Эмиратты  адæймагон ресурсты  æмæ  эмиратизацийы  министр   Абдулрахман  ал Авар, Гуырдзыстоны  Иугонд Арабаг  Эмиратты  минæвар  Ахмед  Ибрахим  Тахер  ал Нуайим  æмæ Иугонд Арабаг Эмиратты  Гуырдзыстоны  сæрмагонд æмæ  æххæстбарджын  минæвар Паата Каландадзе.

Визиты фæлгæтты  хицауады сæрдар хайад райсдзæн   Дунейы  хицæуæдты   саммиты, кæцы  Дубайы  ацæудзæн. Ираклий Гъарибашвили  дзырдæй  ралæудзæн   саммиты  хайадисджыты раз.  Афтæма  плангонд у  дыууæ фарсон  бæрзонд рангы   фембæлдтæ  ауадзын.