Шалва Папуашвили, парламентон делегациимæ иумæ, Мальтæ æмæ Италиайы Республикæтæм ныццæудзæн
Шалва Папуашвили, парламентон делегациимæ иумæ, Мальтæ æмæ Италиайы Республикæтæм ныццæудзæн

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Шалва Папуашвили,  делегациимæ иумæ 7-12  зæрдæвæрæны, визитæй  Мальтæ æмæ  Италийы  Республикæтæм араст уыдзæн. Информаци хъусын кæны парламенты прескуыст.

Афтæма сæ информацийæ, парламенты сæрдар  фембæлдзæнис Мальтæйы Республикæйы  парламенты спикеримæ  æмæ Мальтæйы Республикæйы   президентимæ. Фембæлд ацæудзæн   Мальтæйы  парламенты  æддагон æмæ Ервопаг хъуыддæгты комитеты  уæнгтимæ.

«Визиты  фæлгæтты  плангонд сты  фембæлдтæ  Ватиканы  апостолон  галуаны  хурыскæсæны аргъуанты  дикастерийы  префектимæ æмæ Сыгъдæг   Аргъуаны паддзахадон нымæрдаримæ.

Парламенты сæрдар æмæ  делегацийы уæнгтæ  Италиайы  парламенты дæллаг  палатæйы  сæрдар  Лоренцо  Фонтанаимæ  æмæ  сенаты вице-президент  Джан  Марко Чентинаиоимæ фембæлдзысты.

Гуырдзыстоны парламентон делегаци, парламенты  сæрдары къухдариуæгæй, Италиайы  Республикæйы  Европаг  хъуыддæгты министримæ, Рафаелле  Фитоимæ æмæ Италиайы фæсарæн хуъыддæгты  æмæ æхсæнадæмон  æмгуыстады  министры хæдивæгимæ Эдмондо  Чириелиимæ фембæлдзысты.

Фембæлдтæ  ацæудзæн  Итали-Гуырдзыстоны  парламентон хæларады къорды уæнгтимæ æмæ  гуырдзиаг  диаспорæйы  минæвæрттимæ», – дзырдæуы информацийы.