Гуырдзыстонмæ абон æрцæудзæн Германийы ахуырады æмæ иртасыны  федералон министрады  парламентон паддзахадон нымæрдар
Гуырдзыстонмæ абон æрцæудзæн Германийы ахуырады æмæ иртасыны федералон министрады парламентон паддзахадон нымæрдар

11-14 июлы Гуырдзыстонмæ  Германийы  ахуырады  æмæ  иртасыны  федералон   министрады  парламентон  паддзахадон  нымæрдар  Йенс  Бранденбург æрцæудзæн.  Информаци уый фæдыл  хъусын кæны Германийы  минæварад Гуырдзыстоны.

Афтæма сæ информацийæ, визиты фæлгæтты  плангонд сты  фембæлдтæ   Гуырдзыстоны   ахуырады æмæ  зонæдты  министр, Гиорги Амилахвариимæ, регионон  райрæзты æмæ  инфраструктурæйы министры хæдивæг  Мзиа Гиоргобианиимæ, афтæма  немыцаг организациты æмæ Гуырдзыстоны   архайæг  немыцаг  фирмæты  минæвæрттимæ.

Минæварады  хъусинагæй,  уымæй  уæлдай ма  Бранденбург фембæлдзæнис  Тбилисы  паддзахадон  университеты  æмæ Илиайы  паддзахадон   университеты  ректортимæ, Руставелийы  зонадон фонды  директоримæ æмæ æндæр    æмæ æндæр иртасæн  институтты  минæвæрттимæ.